ЦХИНВАЛ, 10 июн – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сӕйраг горӕты фӕзындзӕн Джусойты Нафийы уынг. Уый тыххӕй хъусын кӕны 15 регион.
"Дзӕуджыхъӕуы уынгтӕй иуӕн ӕввахс бонты ратдзысты академик Джусойты Нафийы ном. Уый фӕдыл скъуыддзаг рахастӕуыд горӕты топонимикон къамисы рабадты", - дзырдӕуы порталы хъусинаджы.
Афтӕ ма Джусойты Нафи ӕмӕ йӕ номдзыд ӕфсымӕр Хаджеты Таймуразы нӕмттӕ Хуссар Ирыстоны дӕр ратдзысты дыууӕ скъолайӕн.
Джусойты Нафийы райгуырд Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы. Нафийы ном сӕнусон кодтой йӕ амӕлӕты фӕстӕ - Цхинвалы уынгтӕй иу хӕссы академикы ном, йӕ номыл лӕвӕрд цӕуы преми, бавӕрдтой йӕ национ пантеоны.