Хуссар Иры ацӕудзӕн хъӕууонхӕдзарадон армукъа

Армукъа ауадзыны дырыс датӕ нырма бӕрӕг нӕу. Йӕ организацийыл ӕрдзырдтой хицауады сӕрдары рабадтыл, кӕцыйы хайадисджытӕ ӕркастысты республикӕйы хъӕууон хӕдзарады фадыджы райрӕзты фарстытӕм
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ацӕудзӕн хъӕууон хӕдзарадон армукъа, кӕцыйыл бавдисдзысты гъӕдджын ӕмӕ экологион сыгъдӕг продукци. Армукъа сорганизаци кӕныны фӕдыл фӕдзӕхст радта премьер-министр Бекъойты Геннадий республикӕйы хъӕууон хӕдзарадон фадыджы райрӕзты фарстыты фӕдыл рабадтыл, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Хъӕууон хӕдзарады ног министр радзырдта фыццаджы къахдзӕфты тыххӕй ацы аз

Армукъа организаци кӕндзысты вице-премьер – экономикон райрӕзты министр Тадтаты Дзамболат ӕмӕ Базарадон-сӕудӕджерадон палатӕйы сӕрдар Ӕлборты Алан (рабадты ма хайад исты хъӕууон хӕдзарады министр Мӕргъиты Алан).

Бекъойты Геннадий банысан кодта, армукъа кӕй уыдзӕн ахъаз ӕндӕр амалиуӕггӕнджытӕн дӕр, ӕмӕ ратдзӕн импульс бынӕттон продукци размӕ кӕнынӕн ӕддагон аграрон базартӕм.

"Фидӕны скъуыддзаг цӕудзысты проблемон фарстытӕ, кӕцытӕ баст сты хъӕууон хӕдзарадон продукцийы экспортимӕ, уый фӕдыл бынӕттон фермертӕн ӕнцондӕр уыдзӕн ласын сӕ продукци уӕрӕсейаг базармӕ", - загъта хицауады сӕрдар.

Рабадты хайадисджытӕ ма ӕрдзырдтой хъӕууон хӕдзарады фадыджы фыццаджы хӕслӕвӕрдтыл ацы азмӕ.