Хуссар Иры ӕфсӕддонты сыстын кодтой фӕдисы

Республикӕйы ӕфсӕддонты сыстын кодтой ахуырадон фӕдисы хӕстон цӕттӕкӕнынады къуырийы фӕлгӕтты, кӕцы ацы бонты расидтысты националон Гарзджын тыхты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддонты сыстын кодтой ахуырадон фӕдисы, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ. Мадзӕлттӕ уагъд цӕуынц хӕстон цӕттӕкӕнынады къуырийы фӕлгӕтты, кӕцы ацы бонты расидтысты националон Гарзджын тыхты.

Фехстой "фондзыл": Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ цӕттӕ кӕнынц АрМИ-2021-мӕ

"Уагъд цӕуы мадзӕлтты комплекс, цӕмӕй ӕркӕной ӕфсад хӕстон цӕттӕдзинады фӕтыхджындӕргонд къӕпхӕнмӕ. Багӕрстӕуыд ӕмархайд ӕмӕ бастдзинады организаци ӕфсӕддон къухдариуӕгады органтӕ ӕмӕ дӕлхайӕдты хсӕн", - банысан кодтой Хъахъхъӕнынады министрады.

Гарзджын тыхты Генштабы хистӕр, инӕлар-майор Виктор Федоров радта ӕмбӕлон фӕдзӕхстытӕ, цӕмӕй аиуварс кӕной фиппаинӕгтӕ.

Ахуырадон фӕдис уагъд цӕуы, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной Гарзджын тыхты дӕлхайӕдты хӕстон цӕттӕдзинад. Хъахъхъӕнынады министрады банысан кодтой, ахуырадон фӕдис кӕй фӕуыдзысты нывӕзтгонд мадзӕлттӕ иууылдӕр куы сӕххӕст кӕной, уӕд.