Цхинвалы банысан кодтой Уӕрӕсейы бон

Организатортӕ ӕрвылазон куысты презентаци-хыгъд ӕрӕмных кодтой Уӕрӕсейы бонмӕ, кӕцы ацы бонты нысан цӕуы Хуссар Ирыстоны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Уӕрӕсейы бон банысан кодтой Цхинвалы сывӕллӕтты библиотекӕйы. Мадзалмӕ ӕрхуыдтой сӕ кӕсджыты ӕмӕ ныййарджыты, культурӕйы министр ӕмӕ президент Бибылты Анатолийы.

Организатортӕ ӕрвылазон куысты презентаци-хыгъд ӕрӕмных кодтой Уӕрӕсейы бонмӕ, кӕцы ацы бонты нысан цӕуы Хуссар Ирыстоны.

Цхинвалы банысан кодтой Уӕрӕсейы бон

Сывӕллӕтты библиотекӕйы хистӕр Джиоты Алла банысан кодта, ацы мадзалӕй бузныг кӕй зӕгъынц сӕ ирвӕзынгӕнӕгӕн.

"Мах бузныг зӕгъӕм Уӕрӕсейӕн, кӕцы у нӕ ирвӕзынгӕнӕг, уый нӕ бауагъта цӕгъдын ирон адӕмы 2008 азы августы", - загъта Джиоты Алла.

Уый ма фенын кодта уазджытӕн ахадгӕ чингуыты фонд, кӕцы ӕрӕджы райстой Россотрудничествойы хайады.

"Ивгъуыд аз нын радтой 600 экземпляры, иууылдӕр сты ахӕм чингуытӕ, кӕцытӕ хъӕуынц сабиты",- бафтыдта уый.

Цхинвалы банысан кодтой Уӕрӕсейы бон

Мадзалмӕ президент ӕрбацыд лӕвӕрттимӕ - ӕрбахаста сывӕллӕты литературӕ ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл. Уӕрӕсейы боны цытӕн та уагдонӕн балӕвар кодта Уӕрӕсейы символтӕй иу - матрешки.

Паддзахады разамонӕг ма ӕрдзырдта ирон ӕвзаджы уавӕрыл. Бибылты Анатолий банысан кодта, сывӕллӕттӕ уырыссаг ӕвзаг хорз кӕй ахуыр кӕнынц уый хорз хъуыддаг у, фӕлӕ уый хъуамӕ ма ахса мадӕлон ӕвзаджы бынат.

"Уӕ зӕрдыл ӕрдарут Нафийы цардвӕнаг, уый мадӕлон ӕвзагыл фысгӕйӕ ссис номдзыд ахуыргонд. Хорз у уырыссаг ӕвзаг кӕй ахуыр кӕнут, фӕлӕ ӕвзӕр та уый у, ӕмӕ ирон рох кӕнут", - ӕрсид президент кӕстӕртӕм.

Паддзахады разамонӕг ма ӕрдзырдта, гӕнӕн уӕвгӕйӕ кӕй хъӕуы фестырдӕр кӕнын сывӕллӕтты библиотекӕйы кӕсӕг залы хатӕнтӕ.