Дзиццойты Юрий: ирон æвзагæн йæ уидаг у тынг фидар

ХИПУ ирон æвзаг æмæ æвзагзонынады кафедрæйы хистæр Дзиццойты Юрий радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта ирон æвзаджы куыд хъæуы пайда кæнын æрбайсгæ дзырдтæй, ууыл
Sputnik
Дзиццойты Юрий: ирон æвзагæн йæ уидаг у тынг фидар

Нырыккон цардыл интернет тынг кæй бандæвта, уый сусæг нæу, фæлæ ма уыимæ иумæ ирон æвзаджы фæзынд ног ныхæстæ дæр. Цас тæссаг сты æвзагæн, æмæ сæ куыд хъæуы пайда кæнын, уый тыххæй радзырдта Дзиццойты Юрий. Ахуыргонды хъуыдымæ гæсгæ, уыцы ног дзырдтæ хъæуы адаптаци кæнын.

"Уыцы проблемæ алы хатт дæр уыд, æмæ алы æвзаджы раз дæр лæууыд. Хуымæтæг цæвиттон уын æрхæссон, нардитæ фæзындысты персæгтæм æмæ уырдыгæй рацæугæйæ сæ нæмттæ дæр семæ рацыдысты", - радзырдта Юрий.

Дзиццойты Юрийы ныхæстæм гæсгæ, уынгæг къабазыл цы æрцæуы арæзт, уымæн нæ хъæуы ивын йæ терминалоги.

"Цыдæртæ дзы гæнæн ис мæ къалькъагонд æрцæуой, кæцыдæр терминтæн дзы ис ирон æвзаджы дæр æрымысæн ныхæстæ. Фæлæ æмткæй сисгæйæ, фæзынд йæхæдæг чи у, цы реали æвдисы, уый æндæр ранæй æрбацыд æд терминалоги, æмæ уымæй тæрсын нæ хъæуы", - бафиппайта ахуыргонд.

Дзиццойты Юрий банысан кодта, æвзагзонынады фæзыны хатæй хатт пуристтæ, кæцытæ архайынц æвзаджы сыгъдæгдзинад бахъахъхъæныныл, фæлæ уыдон ныхмæ йæ рæстæджы дзырдта Калоты Хазби, зындгонд ирон поэт. Хазби дзырдта, ома ирон æвзагмæ дзырдтæ æрбайсынæй нæ хъæуы æфсæрмы кæнын.

Лæмбынæгдæр хъусут нæ аудиоæрмæджы.