Активон фӕсивӕдӕн: Цхинвалы районы хъӕуы срӕвдз кӕндзысты спортзал

Хъӕуы уымӕй размӕ ӕрӕвнӕлдтой фӕсивӕды ӕвдӕлон рӕстӕг ӕрвитыны проблемӕ скъуыддзаг кӕнынмӕ - Къостайы хъӕуы ныридӕгмн срӕвдз кодтой стадион ӕмӕ сцалцӕг кодтой сценӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 июн - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы районы коммуналон службӕтӕ ӕввахс бонты ӕрӕвналдзысты Къостайы хъӕуы спортивон залы капиталон цалцӕгмӕ. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта районы администрацийы дӕлбар унитарон куыстуат "Цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады управлени"-йы сӕргълӕууӕг Уазӕгты Мевлуд.

Стадион ӕмӕ сценӕ: Хуссар Иры хъӕуы скъуыддзаг кӕнынц фӕсивӕды проблемӕ

Тренажерон зал бакодтой 2017 азы президентон проект "Спорт в шаговой доступности"-йы фӕлгӕтты.

"Фӕсивӕд хъуамӕ тренировкӕ кӕной. Хъӕуы ис бирӕ ӕвзонг адӕм ӕмӕ сын хъӕуы саразын фадӕттӕ сӕ сӕрибар рӕстӕг пайдаджынӕй ӕрвитынӕн. Ӕмӕ спортӕй хуыздӕр та цы хъуамӕ уа", - банысан кодта Уазӕгты Мевлуд.

Цалцӕджы фӕлгӕтты нывӕндынц сӕххӕст кӕнын мидӕггагон фӕлындӕн куыстытӕ, саразын хъармгӕнӕг системӕ ӕмӕ душы кабинӕтӕ.

Уымӕй размӕ та районы ЦКХ сцалцӕг кодта хъӕууон стадион, цы ран ис футболон ӕмӕ волейболон фӕзуӕттӕ.