Хуссар Иры азы райдианӕй фӕстӕмӕ дыккаг хатт схызт ӕртаджы аргъ

Унитарон куыстуат "Югосетнефтепродукт" дыццӕгӕй ӕртаг уӕй кӕны ног ӕргътӕм, хисӕрмагонд ӕртагкӕнӕн станцты та фӕфылдӕргон тарифтӕ бахастой цалдӕр боны размӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны паддзахадон ӕртагкӕнӕн станцты АИ-92 бензины аргъ схызт ӕртӕ сомы, ныр йӕ литр уӕй цӕудзӕн адӕмӕн 43 сомӕй, уагдӕттӕн та - 45 сомӕй.

Азы райдианӕй бензины аргъ фӕфылдӕр ныр дыккаг хатт. Уалдзӕджы ӕргътӕфӕфылдӕр сты цыппар сомы (36-ӕй ӕртаг схызт 40 сомы онг). Фӕлӕ кӕд уалдзӕджы дизелон ӕртаджы аргъ не схызт, уӕд абонӕй фӕстӕмӕ та фӕзынаргъдӕр ис иу сом - ныр у 44 сомы, фехъусын кодта "Югосетнефтепродукт"-ы гендиректор Джыгкайты Сослан.

"Ӕртаджы ӕргъты фӕфылдӕр аххосаг у, ӕввонггӕнджытӕм дӕр кӕй фӕзынаргъдӕр ис, уый", - бамбарын кодта уый.

Республикӕйы хицауады дӕр ӕрхастой ацы аххосаг ӕртаджы фӕзынаргъы тыххӕй.

Хисӕрмагонд ӕртагкӕнӕн станцты, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бензин ӕмӕ дизелон ӕртаджы аргъ у зынаргъдӕр паддзахадонтӕм абаргӕйӕ.

Хуссар Иры азы райдианӕй фӕстӕмӕ дыккаг хатт схызт ӕртаджы аргъ