Хуссар Иры санитарон уагдоны радзырдтой COVID-19-ы статистикӕйы тыххӕй

Хуссар Ирыстоны пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ коронавирусӕй фӕрынчын сты 3372 адӕймаджы, ныртӕккӕ дохтырты хъусдарды бын сты 34 пациенты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 июн - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд майрӕмбоны коронавирусон инфекци рабӕрӕг ис фондз адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Уый бамбарын кодта, улæфт бонты "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы кæй нæ сарæзтой тесттæ, къуырисæры  иртæстты тыххæй та фехъусын кæндзысты сом райсом.

Хуссар Иры Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕй фыццаг сарӕзта вакцинӕ коронавирусы ныхмӕ

"Югосетпотребнадзор"-ы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, COVID-19 рабӕрӕг кӕныны фӕдыл майрӕмбоны сарӕзтой 50 тесты, уыдонӕй фондз адӕймагӕн схаудта вирусы уӕвынад", - загъта Коцты Марина.

Санитарон уагдоны ПЦР-лабораторийы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 23246 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 372 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Уагдоны сӕргълӕууӕг ма бафтыдта, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц кӕй схызт 3338 онг. Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 34 адӕймаджы.