Цӕгат Иры фыццаг хатт сбӕрӕг кодтой коронавирусы индиаг штамм

Мутацитимӕ штаммтӕ сбӕрӕг кӕныны фӕдыл куыст республикӕйы уагъд цӕуы ӕртӕ мӕйы дӕргъы, ӕрмӕджытӕ ӕрвыст цӕуынц басгӕрстмӕ Ставрополы зонад-иртасӕн институтмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 июн — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сбӕрӕг кодтой фыццаг рынчыны коронавирусы индиаг штаммимӕ, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой ӕртӕ ног рынчыны коронавирусӕй

Роспотребнадзоры республикон хайады разамонӕджы хӕдивӕг Къӕбулты Зарема куыд банысан кодта, афтӕмӕй мутацитӕ цӕуынц хуымӕтӕг клиникӕимӕ, ӕнӕ хицӕндзинӕдтӕй.

Специалист ӕрсидт, цӕмӕй адӕм ма паникӕ кӕной ӕмӕ банысан кодта, кӕй хъӕуы ӕххӕст кӕнын ӕдасдзинады мадзӕлттӕ.

"Хъӕуы ӕххӕст кӕнын маскӕты режим, уадзын дезинфекци, пайда кӕныны антисептиктӕй. Афтӕ ма тынг ахсджиаг у вакцинаци", - бахахх кодта уый.