Хуссар Иры ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрӕн снысан кодтой ног хӕдивӕджы

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры ног хӕдивӕджы кандидатурӕ сфидар кодта республикӕйы хицауад цыппӕрӕмы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 июн - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад снысан кодта Александр Приходькойы республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры ног хӕдивӕгӕй.

"Уый у специалист, кӕцы хъӕуы республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады системӕйы", - загъта уагдоны сӕргълӕууӕг Наниты Сослан.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Александр Приходько йӕ хъус дардзӕн хостӕй ифтонгад, кадрон политикӕ ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон ӕмгуыстады фарстытӕм.

Хуссар Иры ӔХМ сӕргълӕууӕг ӕрдзырдта COVID-19-ы фӕдыл вакцинацийы темптыл

Биографион справкӕ

Александр Приходько райгуырд 1986 азы 17 марты горӕт Грозныйы.

Ахуырад:

2003 аз – Казаны Суворовы ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндон.

2003 – 2008 азты – Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрады "Ӕфсӕддон университет". Дӕсниад: психологи.

2003 – 2008азты – "Прфессионалон инновациты институт", Мӕскуы. Дӕсниад: юриспруденци.

Куысты фӕлтӕрддзинад:

2003 -2010 азты – службӕ кодта Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын тыхты.

2010 – 2011 азты – Компани "Профиконсалтинг". Проектты разамонӕг.

2011 – 2014 азты – Компани "Йогокава". HR – бизнес-партнер.

2015 – 2021 азты – Компани "Тотал". Генералон директор.

2019 – 2021 азты – Зонад-иртасӕн институт "Высшая школа экономики". Ӕрхонгӕ эксперт, лекциты курс "Управление персоналом МВА".