Хуссар Иры синдексаци кодтой пенситӕ

Амӕйразмӕ ахӕм фӕдзӕхст фехъусын кодта президент Бибылты Анатолий йӕ ныстуаны адӕм ӕмӕ парламентмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 июн - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны пенситӕ синдексаци кодтой ӕхсӕз процентӕй фылдӕр. Скъуыддзаг рахастой цыппӕрӕмы хицауады рабадтыл.

Хуссар Ирыстоны фӕфылдӕр уыдзысты пенситӕ - президенты хӕслӕвӕрд

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан банысан кодта, уынаффӕ кӕй бацӕттӕ кодтой президенты ныстуаныл ӕцойгӕнгӕйӕ.

"Нывӕндӕм синдексаци кӕнын пенситӕ 6,6 проценты бӕрц 2021 азы январӕй фӕстӕмӕ фӕлхыгъдимӕ", - загъта министр.

Пенсион фонды разамонӕг Тыбылты Азайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уагдон цӕттӕ у бафидын фӕфылдӕргонд пенситӕ. Фӕлгхыгъд хынцгӕйӕ уымӕн бахъӕудзӕн 54 милуан сомы.