Хуссарирыстойнаг ӕрыгон шахматисттӕ расгуыхтысты Дзӕуджыхъӕуы ерысты

Шахматистты тренер Саулохты Георгий банысан кодта, цхинвайлаг шахматисттӕ ныр дыккаг хатт кӕй расгуыхтысты Цӕгат Ирыстоны ерысты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны шахмӕтты скъола "Белая ладья"-йы минӕвӕрттӕ рамбылдтой сыгъзӕрин ӕмӕ бронзӕ майдантӕ Цӕгат Ирыстоны ӕрыгӕтты лига "Летний дебют"-ы, фехъусын кодта тренер Саулохты Георгий.

Ерысты уӕлахиздзау ссис Тедеты Барсӕг, бронзӕйон майдан та ӕрхаста Мчедлидзе Алекс.

"Цхинвалы шахмӕтты скъола "Белая ладья"-йы минӕвӕрттӕ тох кодтой рапидӕй ерысты. Скъола у нырма ӕвзонг, фӕлӕ дӕтты хорз хатдзӕгтӕ", - загъта тренер.

Саулохты Георгий ма банысан кодта, цхинвайлаг шахматисттӕ ныр дыккаг хатт кӕй расгуыхтысты Цӕгат Ирыстоны ерысты.