Се ʻхсыр - æвдадзы хос: куыд æрцæрын кодта Бибылты Олег швецарийаг сӕгъты Тъыбеты

Швецарийаг сӕгъты ӕхсыр у ӕнахуыр пайдаджын - фидар кӕны лӕмӕгъ сабиты, суры аллерги, фау ӕрхӕссӕн нӕй йӕ адмӕ дæр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы районы Тъбеты хъӕуӕй рацӕугӕ Бибылты Олег сфӕнд кодта фыццаг ӕрцӕрын кӕнын Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг сӕгъты мыггаг.

Олег швейцариаг сӕгъты Хуссар Ирыстонмӕ ӕрласта ивгъуыд азы. Урс-урсид рӕгъӕуттӕ тезгъо кӕнынц Тъбеты хъӕуы Бибылты сыхы. Фӕсарӕйнаг "уазджытӕ" хуссайраг уавӕрты сӕхи хатынц хорз.

Се ʻхсыр - æвдадзы хос: куыд æрцæрын кодта Бибылты Олег швецарийаг сӕгъты Тъыбеты

Сӕ хицӕуттӕ - ӕвзонг къай Бибылты Олег æмæ Козаты Этерийы зӕрдӕтӕ райынц стыр цот ӕмӕ хӕрзгъӕд урсагӕй ӕмӕ сæ хъомтӕ æнæхъусдард нæ уадзынц.

"16 сӕгъы балхӕдтон, сӕ ӕргътӕ хызтысты 40 мины онг. Иу азмӕ хорз цот радтой, ныр хӕдзарады ис 40 сӕгъ ӕмӕ сӕныччы", - дзуры Бибылты Олег.

Уый бафиппайдта, зӕгъгӕ, бирӕ адӕм натуралон ӕхсыр фӕфауынц йӕ тӕфы тыххӕй, фӕлӕ тъбеттаг сӕгъты ӕхсыр уыцы аиппӕй дӕр цух у.

"Бынтондӕр ын тӕф нӕй. Мӕнӕн ӕй афтӕ бамбарын кодтой, зӕгъгӕ, тӕф кӕны рынчын фосы урсаг. Стӕй ма мын бацамыдтой, хъуамӕ дам сӕгъӕн йӕ сӕр хъуамӕ аныхай къухӕй ӕмӕ уый куы сымаг кӕна, уӕд йе 'хсыр дӕр дызӕрдыггаг уыдзӕн", - банысан кодта фермер.

Се ʻхсыр - æвдадзы хос: куыд æрцæрын кодта Бибылты Олег швецарийаг сӕгъты Тъыбеты

Урс-урсид сӕгътӕ сты сабыр, адӕмыл ахуыр, узӕлд агурӕг ӕнӕзонӕ адӕммӕ дӕр цӕуынц. Ӕцӕг сӕ алкӕмӕн иугъуызон уагахаст нӕй. Сӕгъты хистӕры схуыдтой Борис, уый у тызмӕгдӕр. Иууыл фӕлмӕндӕр сӕгъ у Добрыня, ӕппынӕдзух хыл кӕй зӕрдӕ агуры, уый та схуыдтой Боксер. Аннæтæ нырма сты æнæном.

Фермер-мыддагӕг фосдарды сусӕгдзинӕдтӕ цасдӕр бӕрцӕй исы интернетӕй дӕр.

"Сӕгътӕн дуцӕн бынат куыд саразон, уый хуызӕг федтон интернеты, стӕй сӕм цы хъусдард хъӕуы, уый дӕр бакӕсын уым. Ӕмгуыст кӕнын бынæттон ветеринартимӕ. Бирӕ куыст ӕмӕ дзы хӕрдзтӕ ис. Самадтон сын скъӕт, балхӕдтон дуцӕн ифтонгад. Ме 'мкъай Козаты Этериимӕ ӕмӕ нӕ хӕстӕг Пӕррӕстаты Аланимӕ ӕппынӕдзух стӕм ацы куыстыл лӕуд", - радзырдта Олег.

Амалиуӕггӕнӕг нымайы, ацы куыст ӕнӕмӕнг кӕй суыдзӕн пайдаджын, ӕрмӕст продукци домы тагъд реализаци. Кӕд Хуссар Иры ӕруарзой ӕнӕниздзинадӕн пайдаджын ӕмӕ хӕрзад сӕгъы ӕхсыр, уӕд ныфс дӕтты, ноджы кӕй рауӕрӕх кӕндзӕн йӕ фермӕ.

Се ʻхсыр - æвдадзы хос: куыд æрцæрын кодта Бибылты Олег швецарийаг сӕгъты Тъыбеты

"Иу мисхал дӕр нӕ фӕфӕсмон кодтон. Мӕ фыды уӕзгуытӕ уадз ӕмӕ ӕдзӕрӕг ма уой ӕмӕ ма схъӕд уой. Сӕгъ ӕгомыг фос у, фӕлӕ сӕ адӕймаг бауарзы, сӕ сӕныччытӕн къухӕй хӕрын кодтам, мӕ цӕст сӕ ӕргӕвдын нӕ уарзы", - дзуры Олег.

Се ʻхсыр - æвдадзы хос: куыд æрцæрын кодта Бибылты Олег швецарийаг сӕгъты Тъыбеты

Бибылты Олегы хӕдзарады сыл сӕныччытӕ баххӕст кӕндзысты хӕдзарад, 11 нӕл сӕныччы та фӕстӕдӕр ныууӕй кӕндзӕн.

Ныридӕгӕн хӕдзарад дӕтты ӕрмӕст ӕхсыр, уый ӕнахуыр пайдаджын ӕууӕлтӕ рагӕй фӕстӕмӕ бӕрӕг сты, ӕгӕрыстӕмӕй йӕ амонынц лӕмӕгъ ӕнӕниздзинадимӕ сывӕллӕттӕн, афтӕ ма фӕтары кӕны аллерги дӕр. Фермер фӕстӕдӕр фӕнд кӕны йӕ урсаджы продукци рауӕрӕх кӕнын - йӕ урс фосы рӕгъаумӕ ма ноджы хъулон сӕгътӕ дӕр бамбал кӕнын.

"Ӕндæргъуызон сæгътæм дæр кæсын, стæй æрмæст æхсырыл дæр не ʻрлæудзæн. Мæ зæрды ис йогурт дæр уадзын", - балхынцъ кодта йӕ фæндтæ уый.