Хуссар Иры парламент снысан кодта Уӕлдӕр, Арбитражон ӕмӕ районон тӕрхонгӕнджыты

Абоны снысӕнттӕй дыууӕ баст сты тӕрхонгӕнджыты куысты ӕмгъуыды фӕудыл. Афтӕ ма депутаттӕ снысан кодтой Знауыры районы ног тӕрхонгӕнӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 июн - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ майрӕмбоны хорзыл банымадтой президенты ӕрбавдисгӕ ӕртӕ кандидатурӕйы Уӕлдӕр, Арбитражон тӕрхонгӕнджыты, атфӕ ма Знауыры районон тӕрхондоны сӕрдары бынатмӕ.

Уӕлдӕт ӕмӕ Арбитражон тӕрхонгӕнджыты бынатмӕ ногӕй снысан кодтой Джиоты Зӕринӕ ӕмӕ Мулдарты Теймуразы. Уыдонӕн сӕ куысты ӕмгъуыд аивгъуыдта ӕрӕджы.

Знауыры районон тӕрхондоны сӕргъ та слӕууыд Табуты Медея.