Хуссар Иры санитарон уагдоны радзырдтой COVID-19 статистикæйы тыххæй

Хуссар Ирыстоны пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ коронавирусӕй фӕрынчын сты 3 397 адӕймаджы, ныртӕккӕ дохтырты хъусдарды бын сты 45 пациенты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 июн – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны майрӕмбоны коронавирус сбӕрӕг кодтой цыппар адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Цӕгат Иры фыццаг хатт сбӕрӕг кодтой коронавирусы индиаг штамм

Уый бамбарын кодта, улæфт бонты "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы кæй нæ сарæзтой тесттæ, къуырисæры иртæстты тыххæй та фехъусын кæндзысты сом райсом.

"Югосетпотребнадзор"-ы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, COVID-19 рабӕрӕг кӕныны фӕдыл ивгъуыд майрӕмбоны сарӕзтой 67 тесты, уыдонӕй цыппарӕн разынд ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - загъта Коцты Марина.

Пандемийы райдайӕнӕй уагдоны ПЦР-лабораторийы ӕдӕппӕт сарӕзтой 23 560 тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл.

"Майрӕмбоны ма медицинон хыгъдӕй систой цыппар адӕймаджы, ӕдӕппӕт сӕнӕнизуӕвджыты нымӕц у 3351. Дохтырты хъусдарды бын ис 45 пациенты", - бафтыдта уый.

Хуссар Ирыстоны пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ коронавирусӕй фӕрынчын сты 3 397 адӕймаджы.