Транскам нырма у æхгæд, фæндаг сыгъдæг кæнынц цъыфы зæййæ

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хсæн иунæг фæндаг сæхгæдтой хуыцаубоны изæры. Йæ сæхгæныны аххосаг ссис цъыфы зæйы рцыд
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 июн - Sputnik. Транскавказаг автомагистралыл фæндагон змæлд дыууæ фарсырдæм дæр æрурæдтой сæрмагонд барамынды онг, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны УУМ пресс-службæ.

"Автотранспорты змæлд Транскамы "Бурон – Ручъы тоннелы Цæгаттаг портал" у тобæгонд сæрмагон барамынды онг", - дзырдæуы хъусинаджы.

Транскавказаг автомагистраль - бӕрзондхӕххон иунӕг трассӕ, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндагыл арӕх фӕзынынц зындзинӕдтӕ митуард ӕмӕ зӕйты тыххӕй. Арӕх республикӕ фӕиппӕрд вӕййы ӕнӕхъӕн дунейӕ цалдӕр бонмӕ зӕйты ӕрцыды аххосӕй.