Хуссар Иры иу суткӕмӕ коронавирус рабӕрӕг ис 13 адӕймагӕн - "Югосетпотребнадзор"

Ӕдӕппӕт пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ республикӕйы коронавирусӕй фӕрынчын сты 3415 адӕймаджы, ныртӕккӕ медикты хъусдарды бын сты 56 пациенты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 июн – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Фӕстаг суткӕйы Хуссар Ирыстоны коронавирус сбӕрӕг кодтой 13 адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Хуссар Иры хицауад сфидар кодта фиддонтӕ медиктӕ ӕмӕ волонтертӕн COVID-19-имӕ тохы тыххӕй

Ӕдӕппӕт пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ республикӕйы коронавирусӕй фӕрынчын сты 3415 адӕймаджы. Уагдоны ПЦР-лабораторийы инфекцион низы фӕзындӕй фӕстӕмӕ сарӕзтой 23 695 тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл.

"Ивгъуыд суткӕйы "Югосетпотребнадзор"-ы лабораторийы сарӕзтой 85 тесты COVID-19 рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 13 равдыстой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - загъта Коцты Марина.

Уый бафтыдта, фӕстаг суткӕйы ма медицинон хыгъдӕй кӕй систой фондз адӕймаджы, ӕдӕппӕт та тӕссаг инфекцийӕ сӕнӕниз сты 3354 адӕймаджы. Ныртӕккӕ медикты хъусдарды бын стационар ӕмӕ амбулаторийы сты 56 пациенты.