Хуссар Иры хицауад сфидар кодта фиддонтӕ медиктӕ ӕмӕ волонтертӕн COVID-19-имӕ тохы тыххӕй

Сӕрмагонд фиддонтӕн фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕныны фӕдыл скъуыддзаг райстой республикӕйы хицауады рабадтыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад рахицӕн кодта йӕ фӕстауӕрцон фондӕй 235 мин сомы сӕрмагонд фиддонтӕн медиктӕ ӕмӕ волонтертӕн "ахсджиаг куыстытӕ ӕххӕст кӕныны тыххӕй" коронавирусы ныхмӕ тохы рӕстӕджы. Ахӕм скъуыддзаг райстой министрты кабинеты рабадтыл, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ. Уагдоны нӕ бамбарын кодтой, цы куыстытыл цӕуы дзырд.

Хуссар Иры ӔХМ сӕргълӕууӕг ӕрдзырдта COVID-19-ы фӕдыл вакцинацийы темптыл

"Рабадтыл аскъуыддзаг кодтой рахицӕн кӕнын Республикӕ Хуссар Ирыстоны фӕстауӕрцон фондӕй финансон фӕрӕзтӕ медиктӕ ӕмӕ ӕндӕр кусджытӕн фиддонтӕн ахсджиаг куыстытӕ сӕххӕст кӕныны тыххӕй коронавирусон инфекцийы ныхмӕ тохы рӕстӕджы", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Раздӕр куыд хъусын кодтой, афтӕмӕй апрелы хицауад рахицӕн кодта йӕ фӕстауӕрцон фондӕй 4,53 милуан сомы медиктӕн социалон фиддонтӕн коронавирусы ныхмӕ тохы тыххӕй.