Хуссар Иры паддзахадон архив банысан кӕндзӕн йӕ 95-азон юбилей

Сӕ профессионалон бӕрӕгбон цыппӕрӕмы нысан кӕынынц паддзахадон архивы 45 ӕмкусӕджы. Уыдон цытджын мадзӕлттӕм ӕрхуыдтой сӕ коллегӕты Цӕгат Кавказӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны архивон службӕ цыппӕрӕмы, 24 июны нысан кӕны йӕ бындурӕвӕрды бон. 95-азон юбилейы фӕдыл цытджын мадзӕлттӕм хуынд цӕуынц сӕ коллегатӕ Цӕгат Ирыстонӕй ӕмӕ Ростовы областӕй.

Бӕрӕгбоны цытӕн сӕйраг мадзӕлттӕ ацӕудзысты Цхинвалы скъола-интернаты бӕстыхайы.

"Бацӕттӕ кодтам нывӕзт, ауадздзыстӕм цытджын мадзӕлттӕ. Ӕрхуыдтам нӕ коллегӕты Цӕгат Кавказӕй", - радзырдта Sputnik паддзахадон архивы директор Уалыты Валентина.
Хорз уавæртæ æмæ кусджытæ: Хуссар Иры хъалонон комитет нысан кæны йæ 30-азон юбилей

Ивгъуыд аз майы Хуссар Иры архивон службӕйы ӕрцыд реорганизаци. Уый рацарӕзтой централон бюджетон уагдонмӕ, кӕцыйы скондмӕ Знауыр, Ленингор ӕмӕ Дзауы районты администрацитӕй ракодтой архивон службӕты.

"Реорганизацийы фӕстӕ паддзахадон архивон службӕйы скондмӕ районтӕй бацыд ӕхсӕз адӕймаджы. Ныр архивон службӕйы сконды ӕмткӕй кусы 49 адӕймаджы", - бафтыдта уый.

Архивы разамонӕг ма радзардта, 2008 азы гуырдзиаг-ирон хӕст цы зиан ӕрхаста, ууыл.

"2008 азы фӕстӕ тынг бирӕ адӕм цыд нӕ службӕмӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕтӕ фесӕфтой сӕ исад ӕмӕ хӕдзӕртты гӕххӕттытӕ. Архивон гӕххӕттытимӕ уый бӕрц архайдтам ӕмӕ ӕрцыдысты ӕдзӕллаг уавӕрмӕ. Уӕд мах аскъуыддзаг кодтам саразын электрон базӕ иууыл арӕх кӕмӕй пайда кӕнӕм, уыцы ӕрмӕгӕн", - мысы Уалыты Валентина.

Архивон службӕйы разамонӕг ма ӕрдзырдта сӕ проблемӕтыл. Афтӕ ммӕ службӕйӕн нӕй документтӕ дарынӕн сӕрмагонд уавӕртӕ, ис сӕм квалификацигонд кадрты цухдзинад.