Хуссарирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕг Зассеты Арсӕмӕг хайад райсдзӕн Европӕйы фыццагады

Континенталон фыццагады, кӕцы ауӕдзӕн гермайнаг горӕт Дортмунды, спортсмен архайдзӕн 125 килограммы уӕзы категорийы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 июн — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны уӕгъдибар хъӕбысхӕсты скъолайы хъомылгӕнинаг Зассеты Арсӕмӕг стох кӕндзӕн континенталон фыццагады ӕрыгӕтты хсӕн, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Коцты Тамерлан.

Цхинвайлаг богал стох кӕндзӕн ӕхсӕнадӕмон турниры Дагестаны

Европӕйы фыццагад спортивон хъӕбысхӕстӕй 21 азы кары онг спортсменты хсӕн райдайдзӕн Дортмунды (Германи) 26 июны. Спортсмен архайдзӕн 125 килограммы уӕзы категорийы.

"Хорз цӕттӕ у. Ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ӕрмӕстдӕр уӕлахизмӕ", - банысан кодта Коцты Тамерлан.

Зассеты Арсӕмӕг у 2019 азы Уӕрӕсе ӕмӕ дунейы чемпион фӕсивӕды хсӕн. Уӕрӕсейы чемпионаты 2021 азы уый фембылд ӕндӕр хуссарирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕг Бестауты Андрейӕн. Фыццагады уӕлахздзау райста балцӕг дунейы чемпионатмӕ, Зассеты Арсӕмӕг та, куыд ӕвзист призер, - ацӕудзӕн континенталон ерыстӕм.