Цхинвайлаг богал стох кӕндзӕн ӕхсӕнадӕмон турниры Дагестаны

Бестауты Андрейы тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, Али Алиевы номарӕн турнир уыдзӕн йӕ хъомылгӕнинагӕн фӕлварӕн дунейы ерысты размӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны уӕгъдибар хъӕбысхӕсты скъолайы хъомылгӕнинаг Бестауты Андрей стох кӕндзӕн Али Алиевӕн нывонд егъау ӕхсӕнадӕмон турниры, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Коцты Тамерлан.

Хуссарирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕг Дзӕгъиаты Сослан ссис Уӕрӕсейы фыццагады уӕлахиздзау

Ерыстӕ цӕудзысты Дагестаны 25-27 июны. Организатортӕ куыд хъусын кӕнынц, афтӕмӕй майданыл тох цӕудзӕн 10 уӕзы категорийы.

"Гуырахстджын турнир нӕ уӕлахиздзауӕн уыдзӕн фӕлварӕн дунейы ерысты размӕ. Ерыстӕ сты бӕрзонд ӕмвӕзадыл", - загъта тренер.

Али Алиевы номарӕн турниры се 'рцыд сбӕлвырд кодтой аст бӕстӕйы минӕвӕрттӕ, сӕ нымӕцы Германи, Польша, Инди, Швейцари, Украина, Литва ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕ.