Хуссар Иры иу къуыримӕ ФТЦ-ты бахъыгдард сты цыппар адӕймаджы – МХМ

Республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады радзырдтой Хуссар Ирыстоны фӕндӕгтыл уавӕры тыххӕй ивгъуыд къуыри
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны 21-ӕй 28-ӕм июньмӕ ӕрцыд ӕхсӕз фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ), фӕстиуӕгӕн кӕцыты бахъыгдард сты цыппар адӕймаджы, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Цхинвалы цӕрӕгмӕ ссардтой гӕны цыппар къутӕры

Барадхъахъхъӕнджытӕ ивгъуыд къуыри ӕдӕппӕт сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 286 фӕткхалды.

"18 шофыры фӕдыл сарӕзтой административон протоколтӕ автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй. Ныхмӕвӕрд хаххмӕ рахизыны тыххӕй инспектортӕ бӕрнмӕ ӕркодтой 17 шофыры, светофоры сырх рухсыл аскъӕрыны тыххӕй - 29, ӕнӕ ӕмбӕлон документтӕй скъӕрыны тыххӕй та 31 шофыры", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.

Афтӕ ма республикӕйы къуырийы дӕргъы регистрацигонд ӕрцыд иу фыдракӕнд, радзырдтой МХМ. Фондз адӕймаджы ӕрбаздахтой административон бӕрнмӕ алыгъуызон фӕткхӕлдты тыххӕй, уыдонӕй иуӕн рахастой административон ӕфхӕрд. Республикӕйы дыууӕ ӕмбӕстагӕн рахастой административон ӕфхӕрд накротикон буарадтӕй пайда кӕныны тыххӕй. Уымӕй дарддӕр, иу адӕймаджы ӕрбаздахтой уголовон бӕрндзинадмӕ наркотикон буарадимӕ зайӕгойтӕ зайын кӕныны тыххӕй.