ЦХИНВАЛ, 29 июн - Sputnik. Абхаз бадзырдта ӕххуысмӕ Уӕрӕсемӕ, цӕмӕй сын баххуыс кӕной коронавирусы ныхмӕ тохы, хъусын кӕны РИА Новости республикӕйы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады сӕргълӕууӕг Эдуард Бутбайы ныхӕстыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.
"Мах бадзырдтам Уӕрӕсейы Федерацимӕ, цӕмӕй нын баххуыс кӕной куы бахъӕуа, уӕд, афтӕ ма цӕмӕй уӕрӕсейаг медиктӕ ӕрцӕуой бынатмӕ кусынмӕ. Ацы фарст скъуыддзаг цӕуы", - загъта Бутба.
Уагдоны сӕргълӕууӕг бафтыдта, Абхазы кӕй фӕфылдӕр коронавирусӕй рынчынты нымӕц. Sputnik Абхазы бӕрӕггӕннӕнтӕм гӕсгӕ, бӕстӕйы сбӕрӕг кодтой 17 минӕй фылдӕр фӕрынчынуӕвӕджы, республикӕйы стационарты амардысты 245 адӕймаджы, сӕнӕниз сты 15 407 адӕймаджы. Афтӕ ма дзы сбӕрӕг кодтой бритайнаг ӕмӕ индиаг штаммтӕ дӕр.