Дыууӕ дюдоисты Ирыстонӕй бахызтысты УФ командӕйы скондмӕ Токиойы Олимпиадамӕ

Олимпиаг хъӕзтытӕ Токиойы аргъӕвтой иу азмӕ коронавирусы тыххӕй ӕмӕ ацӕудзысты 23 июлӕй 8 августмӕ. Дзюдоистты ерыстӕ ацӕудзысты 24-ӕй 31-ӕм июльмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 июн - Sputnik. Ирон дзюдоисттӕ Таймӕзты Мӕдинӕ (70 кг) ӕмӕ Хуыбецты Алан (81 кг) бацыдысты Уӕрӕсейы командӕйы скондмӕ, кӕцы хайад райсдзӕн Олимпиаг хъӕзтыты Токиойы. Уый тыххӕй хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Ирыстойнаг дзюдоист Басаты Хетӕг ссис Европӕйы чемпион

Токиойы Олимпиадайы дзюдойӕ турнир уагъд цӕудзӕн 24-ӕй 31 июльмӕ. Токиойы фыццаг хатт ацӕудзӕн сылгоймӕгтӕ ӕмӕ нӕлгоймӕгты скондӕй командӕты хсӕн турнир, уый ацӕудзӕн 31 июлы.

Хайад дзы исдзысты командӕтӕ, кӕцыты сконды сты нӕлгоймӕгтӕ 73, 90 ӕмӕ 90 килограммӕй фылдӕр уӕзы категориты, ӕмӕ сылгоймӕгтӕ 57, 70 ӕмӕ 70 килограммӕй фылдӕр категориты.

Амӕйразмӕ ирон спортсментӕ рамбылдтой цыппар майданы Уӕрӕсейы фыццагады. Бронзӕйон майданты хицӕуттӕ баисты Елхъанты Яна, Елбачиты Георгий, Тотраты Азӕмӕт ӕмӕ Багаты Нодар.