Беджызаты Мæдинæ: мæ бæллиц - иу метр æмæ æрдæг куклæ-рухсгæнæн саразын

Беджызаты Мæдинæ ныр дыууæ азæй фылдæр хуымæтæг куклæтæн лæвар кæны ног цард æмæ рæсугъддзинад, комкоммæ зæгъгæйæ та аразы куклæ-рухсгæнæнтæ, кæцытæн йæхæдæг бахуыйы ирон националон дарæс, разгæмттæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 июн - Sputnik, Дриаты Лейла. Хорзы ном хæссыныл бирæ фыдæбон ис. Адæймаг цы дæсныйады фæндагыл ныллæууы, уый хъуамæ хæсса æхцондзинад æмæ пайда æрмæст йæхицæн нæ, фæлæ ма йæ алфæмблай цы адæм ис, уыдонæн дæр. Беджызаты Мæдинæ ныр дыууæ азæй фылдæр хуымæтæг куклæтæн лæвар кæны ног цард æмæ рæсугъддзинад, комкоммæ зæгъгæйæ та аразы куклæ-рухсгæнæнтæ, кæцытæн йæхæдæг бахуыйы ирон националон дарæс, разгæмттæ.

"Цалдæр азы размæ интернеты фæрстыл федтон тынг цымыдисон арæзт дзаума - куклæ-рухсгæнæн. Уый æмæ мæ афтæ бацымыдис кодта æмæ мæн дæр бафæндыд йæ бафæлварын. Фыццаг уал бахуыдтон разгæмттæ. Кæд мын професионалон хуыд нæ рауадысты, уæддæр мæ къухтæ не ‘руагътон. Рæстæг куыд цыд, афтæ мæм æвзæрдысты ног хъуыдытæ æмæ мæ куыст дæр кодта хуыздæрæй-хуыздæр", - банысан кодта Мадинæ.

Мæдинæ кусы Дзауы районы сывæллæтты цæхæрадоны хъомылгæнæгæй æмæ уым дæр сывæллæттæн йæ курдиат не ‘вгъау кæны. Хъомыл кæнынæй дардæр сын саразы алыгъуызон цымыдисон дзаумæттæ, афтæмæй сæ ахуыр кæны ацы хъуыддаджы сусæгдзинæдтыл.

Беджызаты Мæдинæ: мæ бæллиц - иу метр æмæ æрдæг куклæ-рухсгæнæн саразын

Сыгъзæрин къухты хицуау кæй у, уый рабæрæг вæййы сабидоны исты мадзал куы фæнысан кæнынц, уæд дæр. Алы хатт дæр срæсугъд кæны куыд хатæнтæ, афтæ мадзал уагъд кæм фæцæуы, уыцы зал дæр.

Абоны онг уый сарæзта цыппорæй фылдæр кукла-рухсгæнæны.

"Мæ куыст тынг кæй уарзын, уымæ гæсгæ зæгъæн ис æмæ мæ алы куклæйы дæр мæ уд бавæрын. Мæ куклæтæй иу иннæйы хуызæн нæ вæййы, уымæ гæсгæ рауайынц тынг цымыдисон", - зæгъы Мæдинæ.

Йæ курдиатæй Мæдинæ бацагайдта куыд хиуæтты, æмгæртты, афтæ æцæгæлæтты зæрдæтæ дæр.

"Интернеты фæрстыл сæ æвæрын куы райдыдтон, уæд адæм райдыдтой цымыдис кæнын æмæ мын заказтæ фæкæнынц. Куклæтæ, рухсгæнæнтæ кæнын æлхæнгæ, фæлæ сын дарæс бахуыйын мæхæдæг. Мæ куыстыты спайда кæнын куыд фоамиран, изолон, афтæ æндæр хъуымæцтæй дæр", - банысан кодта уый.

Беджызаты Мæдинæ: мæ бæллиц - иу метр æмæ æрдæг куклæ-рухсгæнæн саразын

Беджызонмæ ис тынг бирæ сфæлдыстадон фæндтæ æмæ хъуыдытæ æмæ Хуыцау дæр зæгъæд, йæ фæндтæ йæ къухты кæй бафтдзысты.

"Мæ куыстæй, стæй мын хæдзарон куыстытæй дарддæр рæстæг куы фæвæййы, уæд мæ фыццаг фæнд вæййы куклæ саразын. Ныртæккæ мæ бæллиц у, иу метр æмæ æрдæг чи уа, ахæм куклæ-рухсгæнæн саразын. Ныфс мæ ис æмæ мын бантысдзæн йæ саразын", - балхынцъ кодта сылгоймаг.

Мадинæйы куыстытæ фенæн ис Инстаграмы йæ фарстыл mbegizova.

Беджызаты Мæдинæ: мæ бæллиц - иу метр æмæ æрдæг куклæ-рухсгæнæн саразын