Донхосгӕнӕндон "Ныфс" бакодта сезон

Фыццаг къорд афӕндараст ис дыццӕджы улӕфынмӕ, радон къорды ацыдмӕ ныфс дӕттынц улӕфӕн къуыммӕ электрон рухс саразын
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы уӕвӕг донхосгӕнӕдон йӕ дуӕрттӕ бакодта улӕфджытӕн. Фыццаг къорд афӕндараст ис дыццӕджы, фехъусын кодта Sputnik профцӕдисты хистӕр Джергаты Жанна. 

Ӕдӕппӕт фыццаг къорды ис 20 адӕймаджы.

"Улӕфӕндоны ныр ис хуыздӕр уавӕртӕ. Фыццаг къорды тынг бирӕ адӕм нӕй, улӕфджыты фылдӕр хай сты ӕрвыст Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады уылты, аннӕтӕ та цӕуынц профцӕдисты хаххыл", - загъта уый.

Джергаты Жаннайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, радон къорды ныццыдмӕ улӕфӕндонмӕ хӕццӕ кӕндзӕн электроэнерги.