Путины комкоммӕ эфир: цӕуыл дзырдта президент уӕрӕсейӕгтимӕ

Мӕскуыйы ацыд Уӕрӕсейы президент Владимир Путинимӕ ӕстдӕсӕм комкоммӕ эфир. Паддзахады сӕргълӕууӕг сдзуапп кодта бӕстӕйы цӕрджыты 68 фарстыл ӕртӕ сахат ӕмӕ 42 минутмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 июн – Sputnik. Уӕрӕсейаг президент райдыдта комкоммӕ эфир пандемийы темӕйӕ.

"Коронавирус йӕхӕдӕг нӕ ацӕудзӕн, хъӕуы саразын прививкӕ", - загъта Владимир Путин.

Президент разы нӕу ӕнӕмӕнг вакцинациимӕ. Регионты ӕнӕмӕнг вакцинацийы кӕцыдӕр нормӕтӕ – фӕрӕз, цӕмӕй та ма бакӕной арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ.

Путины комкоммӕ эфир: цӕуыл дзырдта президент уӕрӕсейӕгтимӕ

Украинаимӕ ахастыты тыххӕй Путин бахахх кодта, украинаг адӕм кӕй сты ӕввахс Уӕрӕсейӕн, фӕлӕ Киевы политикӕ у негативон. Украинайы фӕсарӕйнаг ӕфсӕддонтӕ кӕй ис, уый хауы Уӕрӕсейы интерестӕм.

Афтӕ ма УФ президент ӕрдзырдта бритайнаг эсминецы цауы фӕдыл Сау денджызы. Провокаци уыд комплексон, хайад дзы истой америкӕйӕгтӕ.

"Алчидӕр ӕмбары, Уӕрӕсе кӕй хъахъхъӕны йӕ территори", - бахахх кодта паддзахады сӕргълӕууӕг.

Владимир Путин ма дзуапп кодта фӕсарӕйнаг социалон хызӕгты фӕдыл фарстӕн ӕмӕ фехъусын кодта, Уӕрӕсе кӕй нӕ нывӕнды ӕрӕхгӕнын сӕ куыст.

Путины комкоммӕ эфир: цӕуыл дзырдта президент уӕрӕсейӕгтимӕ

Ныгуылӕны бӕстӕты санкциты тыххӕй Путин банысан кодта, Мӕскуыйӕн кӕй ис асимметрион дзуапп.

Уымӕй дарддӕр Владимир Путин бафтыдта, зӕгъгӕ, Хӕххон Карабахы конфликт ӕрнывыл кӕныны хъуыддаджы Уӕрӕсейӕн уыд ахсджиаг бынат.