Фӕбӕрӕг сты Гасситы Мурӕты радон тохы датӕ ӕмӕ ныхмӕлӕууӕг

WBA ӕмӕ IBF верситӕм гӕсгӕ чемпион Гасситы Мурӕт йӕ фӕстаг тох ауагъта ивгъуыд азы октябры Сочийы. Уӕд ирон спортсмен нокауты арвыста албайнаг спортсмен Нури Сеферийы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 июл — Sputnik. Гасситы Мурӕт ӕрбаздӕхдзӕн рингмӕ 22 июлы. Ирон боксеры ныхмӕлӕууӕг суыдзӕн Германийӕ Эркан Тепер, хъусын кӕны 15 регион УФ Боксы федерацийы пресс-службӕйыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.

"Ныхмӕлӕуд суыдзӕн мӕскуыйаг волейболон аренӕ "Динамо"-йы боксы изӕры сӕйраг тох", - дзырдӕуы хъусинаджы.

WBA ӕмӕ IBF верситӕм гӕсгӕ чемпион Гасситы Мурӕт йӕ фӕстаг тох ауагъта ивгъуыд азы октябры Сочийы. Уӕд ирон спортсмен нокауты арвыста албайнаг спортсмен Нури Сеферийы - уый ссис йе 'нтыстджын дебют уӕззау уӕзы.

39-аздзыд Эркан Теперы хыгъдыл ис 21 уӕлахизы (13 - нокаутӕй) ӕмӕ ӕртӕ фӕхӕрды.