Хуссар Иры ахӕстӕттӕн аразынц библиотекӕ. Юстицийы министрад райста чингуыты фыццаг парти

Чингуыты егъау парти ӔӔУ радта культурӕйы министрад. Уагдоны сӕргълӕууӕг банысан кодта, радон партийы та кӕй уыдзысты ирон ӕвзагыл рауагъдтӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрад радта чингуытӕ юстицийы министрадӕн, кӕцытӕй сараздзысты уагдоны ӕфхӕрдтӕ ӕххӕстгӕнӕн управленийӕн (ӔӔУ) библиотекӕ. Юстицийы министрады куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй библиотекӕйӕ пайда кӕндзысты ахӕстӕттӕ.

Уагдоны сӕргълӕууӕг Лалыты Зӕлинӕ ахӕм лӕвары тыххӕй бузныг загъта йӕ коллегӕ, культурӕйы министр Зассеты Жаннайӕн ӕмӕ банысан кодта, библиотекӕ саразыны сӕйраг нысан кӕй у закон фехалӕг ӕмбӕстӕгты ресоциализаци.

"Абон нын фыццаг хатт ӕрбахастой чингуыты егъау парти. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уый у хорз райдиан ӕмӕ мах дарддӕр хъӕзныгдӕр кӕндзыстӕм нӕ библиотекӕ. Процесс уал райдыдта", - загъта юстицийы министрады сӕргълӕууӕг.

Зассеты Жанна дӕр бахахх кодта, культурӕйы министрад дарддӕр дӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн ӕфхӕрдтӕ ӕххӕстгӕнӕн управленийӕн сӕ библиотекӕйон фонд баххӕст кӕныны хъуыддаджы.

"Абон уын цы чингуытӕ радтам, уыдонӕй иу дӕр ӕвзӕр нӕу, се хсӕн ис бирӕ ног чингуытӕ. Ныртӕккӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ирон ӕвзагыл чингуыты рауагъдмӕ ӕмӕ хъӕуы бакусын уыдон раттыныл дӕр, уымӕн ӕмӕ ахӕстӕттӕй бирӕтӕ кӕсынц ирон литературӕ". - загъта уый.

Хуссар Иры ахӕстӕттӕн аразынц библиотекӕ. Юстицийы министрад райста чингуыты фыццаг парти

Юстицийы министрады банысан кодтой, зӕгъгӕ, ахӕстоны чиныг у ӕмбӕстӕгты ахуырадон ӕмӕ культурон ӕмвӕзад фӕбӕрзонддӕр кӕныны фӕрӕзтӕй иу.