Дзӕуджыхъӕуы ӕрцыд массон авари: уӕлвӕткон цауы бынатӕй видео

Хӕдтулгӕ "Инфинити"-йы шофыр йӕхи ӕвзӕр хатын райдыдта ӕмӕ ныццавта цалдӕр машинӕйы, кӕцытӕ лӕууыдысты светофорыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 июл – Sputnik. Массон авари фондз хӕдтулгӕйы хайадистӕй ӕрцыд цыппӕрӕмы изӕры Дзӕуджыхъӕуы. Цӕгат Иры МХМ пресс-службӕйы информацимӕ гӕсгӕ, хӕдтулгӕтӕй иуы шофыр йӕхи ӕвзӕр хатын райдыдта ӕмӕ баскъӕрдта машинӕтыл, кӕцытӕ ӕрлӕууыдысты светофоры сырх сигналыл Мамсыраты Х. - Хъесаты А. уынгты алвӕндагыл. 

Аварийы фӕстӕ сыгъдхуыссынгӕнджытӕ ахицӕн кодтой хӕдтулгӕты аккумуляторон батарейтӕ, цӕмӕй дзы зынгсирвӕзт ма ӕрцӕуа. ФТЦ фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй.

Дзӕуджыхъӕуы ӕрцыд массон авари: уӕлвӕткон цауы бынатӕй видео