Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад нывӕнды октябрьмӕ фӕуын спортивон горӕты арӕзтад

Объект райдыдтой аразын фарон. Уый уыдзӕн спортивон мадзӕлттӕн, сӕ нымӕцы уагдоны мидӕггагон ерыстӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады территорийыл дарддӕр уагъд цӕуы спортивон горӕты арӕзтад, объект нывӕндынц раттын эксплуатацимӕ ацы аз октябры, фехъусын кодтой хъахъхъӕнынадон уагдоны пресс-службӕйы.

Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад нывӕнды октябрьмӕ фӕуын спортивон горӕты арӕзтад

Хъахъхъӕнынады министрады территорийыл спортивон горӕты арӕзтад райдыдта 2020 азы сӕрды. Проекты сты фӕзуӕттӕ баскетбол, мини-футбол, теннис, воркуат ӕмӕ ӕмбуар хӕсты ахуыртӕн, афтӕ ма алыгъуызон спортивон гарзджытӕ.

Ацы этапыл кусджытӕ ӕмӕ техникӕ архайынц футболон фӕзуат ӕмӕ лидзӕн фӕндаджы цӕттӕкӕнынады.

Спортивон горӕты нывӕндынц уадзын спортивон мадзӕлттӕ, кӕцытӕ сты физикон цӕттӕкӕнынады фӕдыл нывӕзты, бафтыдта уагдоны минӕвар. Афтӕ ма горӕты уагъд цӕудзысты алыгъуызон уагдонон ерыстӕ.

Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад нывӕнды октябрьмӕ фӕуын спортивон горӕты арӕзтад