Цхинвалы бирӕуӕладзыгон хӕдзары фасады хай ӕрхауд сабийыл: уый аирвӕзт

Фарастуӕладзыгон корпусы фасад фехӕлд рагӕй, ӕрӕджы та дымгӕ систа фасады фрагмент, кӕцы ӕрхауд астаздзыд сывӕллоныл. Цӕрджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, лӕппу фӕстаг момент айста йӕхи цӕфӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 июл – Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы Маяковскийы уынгыл 2-аг бирӕфатерон хӕдзары цӕрджытӕ нывӕндынц бадзурын администрацимӕ, цӕмӕй сын сцалцӕг кӕной сӕ хӕдзары фасад, кӕцыйӕ хауыц хӕйттӕ.

Хӕдзар бахъыгдард ис 2008 азы августы хӕсты рӕстӕджы. Ӕрӕджы дымгӕ систа фасады фрагмент, кӕцы ӕрхауд астаздзыд сывӕллоныл. Цӕрджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, лӕппу фӕстаг момент айста йӕхи цӕфӕй.

Хӕдзары цӕрджытӕ фарон сентябры социалон хызӕгтӕм баппӕрстой хӕлд фасады къамтӕ. Фӕлӕ ницы реакци уыд.

"Лӕппу фӕгуыбыр кодта, ӕндӕра ацы хай ӕрхаудтаид йӕ сӕрыл", - радзырдта хӕдзары цӕрджытӕй иу Александр.

Уый фӕстӕ цӕрджытӕ бадзырдтой Уӕлвӕткон уавӕрты министрадмӕ (УУМ) ӕмӕ сӕрмагонд техникӕйы руаджы ракалдтой къулӕй фасады хай. Цӕрджытӕй иу йӕ кӕрӕттӕ сарӕзта герметикӕй. Фӕлӕ уыдон сты рӕстӕгмӕ мадзӕлттӕ.

Цхинвалы бирӕуӕладзыгон хӕдзары фасады хай ӕрхауд сабийыл: уый аирвӕзт

Ныртӕккӕ цӕрджытӕ цӕттӕ кӕнынц куырдиат горӕты администрацимӕ.

"Иу хатт ЦКХ ӕрбарвыста кусджыты, фӕлӕ уыдон ницы сарӕзтой. Мах нӕхӕдӕг нӕ бон цы уыд, уый сарӕзтам УУМ ӕххуысы руаджы, ЦКХ та фехъусын кодтой, уый сӕ хъуыддаг кӕй нӕу, фӕлӕ УУМ-ы", - радзырдта агентады ныхасӕмбал.

Столицӕйы администрацийы ацы цауы фӕдыл ницы загътой.