Тыбылты Инга: Медойты Боболкайы хуызӕн адӕм цъус ис

Ирон филологийы факультеты декан Тыбылты Инга радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта профессор Медойты Боболкайы тыххӕй
Sputnik
Тыбылты Инга: Медойты Боболкайы хуызӕн адӕм цъус ис

Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты бирӕ ӕзты куыста зындгонд профессор, филологон зонӕдты кандидат Медойты Боболка. Кӕд авд аз рацыд, йӕ цардӕй куы ахицӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ, уӕддӕр ӕй йӕ коллегӕтӕ абон дӕр тынг зӕрдиагӕй мысынц. Тыбылты Инга куы радзырдта, уымӕ гӕсгӕ Медойты Боболкаимӕ кусгӕ дӕр бирӕ аз фӕкодта, фӕлӕ уал фыццаг уыд йӕ студенткӕ.

"Куы йӕ бамбӕрста ӕмӕ ирон ӕвзагмӕ мӕ хъус тынгдӕр ӕрдардтон, уӕд мын загъта, зӕгъгӕ, нӕ куыст иумӕ адарддӕр кӕнӕм. Райдыдтам курсон куыст фыссын иумӕ ӕмӕ рацыд иттӕг хорз", - загъта Инга Даниелы чызг.

Деканы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый университеты ахуыр куы фӕцис, уӕд ын Боболка Георгийы чызг банхъардта ирон кафедрӕйы кусын, ӕмӕ йын фыццаг радта практикон сахаттӕ.

"Куы йӕм ӕрбацыдтӕн, уӕд йӕ сахаттӕм ӕркаст ӕмӕ мын радта ирон морфологийӕн йӕ практикон сахаттӕ. Уый размӕ дыууӕ мӕйы бӕрц цыдтӕн йӕ лекцитӕм ӕмӕ йӕм хъуыстон", - радзырдта уый.

Тыбылты Инга тынг зӕрдӕбынӕй мысы, Медойты Боболкаимӕ куы куыста, уыцы рӕстӕг ӕмӕ банысан кодта, ӕвзонг коллегӕтӕн рӕдауӕй кӕй ӕххуыс кодта куырыхон профессор.