Хуссар Иры фӕцис Аивадон гимнастикӕйы федерацийы фыццаг Кубок

Ерыстӕ цыдысты спорты галуан "Олимп"-ы. Уым хайад истой 45 гимнасткӕйы Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстонӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 июл — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт ацыд Аивадон гимнастикӕйы федерацийы гом Кубок. Турниры сӕйраг призы хицау ссис хуссарирыстойнаг спортсменкӕ Кокойты Диана, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы аивадон ӕмӕ эстетикон гимнастикӕйы федерацийы сӕргълӕууӕг Цхуырбаты Зема.

"Мах фыццаг хатт ауагътам ахӕм егъау ерыстӕ. Фӕхуыдтам алыгъуызон командӕты, фӕлӕ ӕрцыдысты ӕрмӕстдӕр Цӕгат Ирыстоны минӕвӕрттӕ. Кубок рамбылдта Уӕрӕсейы фӕсивӕды Спартакиадайы ӕвзист призер аивадон гимнастикӕйӕ Кокойты Диана. Ерысты хайад чи истой, уыцы спортсментӕн иууылдӕр радтой лӕвӕрттӕ ӕмӕ хорзӕхтӕ" – загъта Цхуырбаты Зема.

Уый банысан кодта, кӕй фӕфылдӕр ирон гимнасткӕты куырдиат.

"Хайад ма дзы райстой фондз командӕйы эстетикон гимнастикӕйӕ. Уыдонӕн уыд дӕнцон ралӕуд", - бафтыдта уый.

Федерацийы разамонӕг бузныг загъта республикӕйы къухдариуӕгад ӕмӕ спортивон комплекс "Олимп"-ы директорӕн ӕххуысы тыххӕй.