Хуссар Иры милицийы кусджытӕ ссардтой кӕлӕддзаг агъуысты автоматы цалдӕр сӕдӕ нӕмыджы

Хӕстӕрмӕджытӕ ссардӕуыд оперативон-профилактикон мадзӕлтты рӕстӕджы. Республикӕйы МХМ куыд банысан кодтой, афтӕмӕй нӕмгуытӕ арвыстой экспертизӕмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 июл - Sputnik. Милицийы кусджытӕ Хуссар Ирыстоны ссардтой Цхинвалы районы Додоты хъӕуы автомат Калашниковы цалдӕр сӕдӕ нӕмыджы, сӕ нымӕцы 330 иуӕджы 5,45 миллиметры калибры ӕмӕ 40 иуӕджы ты7,62 миллиметр калибры, хъусын кӕны къуырисӕры МХМ пресс-службӕ.

"Милицийы кусджытӕ хӕстӕрмӕджытӕ ссардтой кӕлӕддзаг мӕнгагъуысты. Нӕмгуытӕ ӕрвыст ӕрцыдысты экспертизӕмӕ", - банысан кодтой МХМ.

Криминогенон уавӕр

Барадхъахъхъӕнӕг уагдоны ма радзырдтой ивгъуыд къуырийы дӕргъы республикӕйы криминогенон уавӕры тыххӕй. Уыцы период, МХМ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны ӕрцыд цыппар фыдракӕнды, уыдон иууылдӕр рабӕрӕг кодтой мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕ. Алыгъуызон ӕхсӕнадон фӕткхӕлдты тыххӕй ӕрурӕдтой республикӕйы дыууӕ ӕмбӕстаджы, уыдонӕй иуӕн тӕрхондон аскъуыддзаг кодта административон ӕфхӕрд.

Къуырийы дӕргъы республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд дыууӕ аварийы, уыдон фӕстиуӕгӕн цыппар адӕймаджы райстой буары цӕфтӕ. Хъыгдардбаййафджытӕй ӕртӕйы медицинон ӕххуысы фӕстӕ ауагътой хӕдзӕрттӕм, иуы та бахъуыд госпитализаци, бамбарын кодтой уагдоны.

Уымӕй дарддӕр ПАИ кусджытӕ срегистраци кодтой иу къуыримӕ фӕндагон змӕлды фӕткы 214 фехӕлды. Ӕртӕ шофыры ныхмӕ бакондӕуыд административон протоколтӕ хӕтдулгӕ нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.