Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй рынчынты рекордон нымӕц ацы аз

2021 аз рынчынкӕнынады иууыл бӕрзонддӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ уыдысты январы, уӕд цалдӕр суткӕйы сбӕрӕг кодтой 35 рынчыны коронавирусӕй. Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы коронавирусӕй ӕдӕппӕт фӕрынчын сты 3 563 адӕймаджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 июн - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны коронавирус сбӕрӕг кодтой 43 адӕймагӕн, кӕцытӕ тесттӕ радтой майрӕмбоны, фехъусын кодта Sputnik сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Уый банысан кодта, улӕфт бонты "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы иртӕстытӕ кӕй нӕ арӕзтой, къуырисӕры саразгӕ тестты тыххӕй та фехъусын кӕндзысты сом райсом.

"Ивгъуыд майрӕмбоны республикӕйы сарӕзтой 152 тесты, уыдонӕй 43 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Фылдӕр кӕны рынчынкӕнынад – ацы аз афтӕ бирӕ ӕвӕрццаг тесттӕ иу суткӕмӕ никуы ма сбӕрӕг кодтой. Уый фӕдыл сидын республикӕйы цӕрджытӕм, цӕмӕй бӕрнон ахаст дарой сӕхи ӕмӕ сӕ хиуӕтты ӕнӕниздзинадмӕ, ӕххӕст кӕной ӕдасдзинады мадзӕлттӕ", - загъта Коцты Марина.

Пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ республикӕйы коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3 563 онг. Уагдоны ПЦР-лабораторийы инфекцион низы фӕзындӕй фӕстӕмӕ сарӕзтой 24 323 тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл. Уыцы рӕстӕгмӕ сӕнӕниз сты 3 405 адӕймаджы, медикты хъусдарды бын ма сты 158 пациенты.