Ӕгас хъӕуы амад: Хуссар Иры Ходы цӕрджытӕ курынц ӕххуыс Мад Майрӕмы аргъуаны арӕзтадӕн

Ӕгас хъӕуы цӕрджытӕ сӕхи тыхтӕй иу азы дӕргъы ӕндидзын кӕнынц аргъуан, кӕцыйӕн ис рагон истори ӕмӕ ӕнахуыр тых, фӕлӕ ацы хорз хъуыддаг къуыхцы кӕны фӕрӕзты цухдзинады тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 июл - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Ходы хъæуы кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны Мад Майрæмы аргъуаны арӕзтад. Кувӕндон амад цӕуы хъӕуы цӕрджытӕн сӕхи тыхтӕй ӕмӕ хӕрдзтӕй, сӕ фарсмӕ балӕууынц, арфӕйаг хъуыддагмӕ йӕ хайбавӕрд бахӕссын кӕй фӕнды, уыцы адӕм. Сӕ нымӕцы ацы комӕй рацӕуджытӕ, сӕ хӕрӕфырттӕ ӕмӕ сиӕхстӕ.

Ӕгас хъӕуы амад: Хуссар Иры Ходы цӕрджытӕ курынц ӕххуыс Мад Майрӕмы аргъуаны арӕзтадӕн

Иумӕйаг тыхтӕй амайгӕ аргъуан йӕ раздӕры масштабты не 'сырӕзт, фӕлӕ у уымӕ ӕнгӕс.

"Ацы дзуар дӕр Цъунары Мад Майрӕмы кувӕндонӕй къаддӕр нӕ уыд. Мах ӕй сарӕзтам чысылдӕрӕй, йӕ цӕсгомон фарс ын йӕхи дурӕй аразӕм", - дзуры хъӕуы цӕрӕг Бекъойты Ивер.

Хъӕуы ма цы цӕрджытӕ ис, уыдон иууылдӕр хайад исынц арӕзтады. Бӕстыхаййы фылдӕр бӕрц ныридӕгӕн фӕцис арӕзт, фӕлӕ дзы нырма бирӕ ис лыстӕг куыст, йӕ бахизӕн агъуысты бын дӕр нӕма ис.

"Иууылдӕр ӕй нӕхӕдӕг амайӕм, бон дӕс адӕймагӕй дӕр ӕрбацӕуынц, ӕгӕрыстӕмӕй ма горӕтӕй дӕр цӕуынц ӕххуысмӕ. Фӕрӕзтӕй нӕм иу хатт хицауад фӕкаст, сиӕхстӕ ӕмӕ хӕрӕфырттӕ ӕххуыс кӕнынц, фӕлӕ арӕзтадон ӕрмӕг тынг фӕзынаргъ ис ӕмӕ нал ӕххӕссӕм хӕрдзтыл", - дзуры уый.

Ӕгас хъӕуы амад: Хуссар Иры Ходы цӕрджытӕ курынц ӕххуыс Мад Майрӕмы аргъуаны арӕзтадӕн

Хъӕуы цӕрджыты фӕнды Мад Майрӕмы аргъуан сцӕттӕ кӕнын йӕ бӕрӕгбонмӕ - 21 сентябрьмӕ.

"Рӕстӕг дӕр цъус ис, фӕрӕзтӕ дӕр нал ис. Гыццыл ма нӕм хицауад куы фӕкӕсид, уӕд балхынцъ уаид нӕ куыст", - радзырдта Иверы ӕфсымӕр Леван.

Хъæуы цæрджытæ ацы сыгъдæг бынатмæ сæхи фæдзæхсынмæ цæуынц раг замантæй. Фӕлӕ кувӕндоны бынаты бирӕ ӕзты дӕргъы уыд ӕрмӕст пырхӕнтӕ. Хъӕуы хистӕр Ходты Мераб карджын адӕмы ныхӕстыл ӕнцойгӕнгӕйӕ дзуры, аргъуан пырх кӕй æрцыд советон дуджы.

"Коммунистты рӕстӕджы аргъуан ныппырх кодтой æмæ йын йӕ дуртӕй сарæзтой скъæттæ хъӕуы сӕрмӕ", - загъта хъæуы хистæр.

Ӕгас хъӕуы амад: Хуссар Иры Ходы цӕрджытӕ курынц ӕххуыс Мад Майрӕмы аргъуаны арӕзтадӕн

Ныр цӕрджытӕ уыцы дуртӕ фӕстӕмӕ сластой сӕ бынатмӕ ӕмӕ кӕд ӕнӕхъӕн кувӕндоны фаг нал сты, уӕддӕр ын йӕ раззаг хай фӕлындынц уыдонӕй.

Аргъуаны арæзтад цæуы 2020 азы маййӕ фӕстӕмӕ. Ног кувӕндон раздӕры бынатӕй чысыл фӕмидӕгдӕр кодтой - хауӕн былы цурӕй равзӕрстой ӕдасдӕр бынат.

Хъӕуы цӕрджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, Мад Майрӕмы бын адӕм фӕдзӕхсынц сӕ зӕнӕджы, рынчынтӕн курынц ӕнӕниздзинад ӕмӕ тырнынц йӕ хорзӕхы аккаг суӕвынмӕ. Стӕй дзы цы диссаджы цаутӕ рцыд, уыдон ноджы фылдӕр адӕмы лвасынц йӕ бынмӕ.

"Кувӕндоны тӕккӕ фарсмӕ былӕй иу хатт ахауд нӕлгоймаг, фервӕзын ӕнхъӕл ын ничиуал уыд - 20 метры бӕрзӕндӕй атылд дуртыл коммӕ. Адӕм фӕдисы йӕ размӕ фӕцӕйлыгъдысты, фӕлӕ уӕдмӕ уый йӕхӕдӕг сӕ размӕ ссыд", - радзырдта Бекъойты Ивер.

Ӕмӕ ахӕм диссаджы цаутӕ, цӕрджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, иу ӕмӕ дыууӕ нӕ уыдысты. Уыдон хатынц ӕмбӕстӕгтӕм, цӕмӕй сӕм фӕкӕсой, кӕмӕн йӕ бон куыд у, афтӕ ӕхцайы фӕрӕзтӕй, цӕмӕй 21 сентябры Мад Майрӕммӕ скувой ног сыгъдӕг бынатӕй.

Ӕгас хъӕуы амад: Хуссар Иры Ходы цӕрджытӕ курынц ӕххуыс Мад Майрӕмы аргъуаны арӕзтадӕн

Цхинвалы районы Астӕуккаг Ходы хъӕуы цӕры фылдӕр бӕрцӕй Бекъойты ӕмӕ Ходты мыггӕгтӕ. Хъӕу столицӕмӕ тынг дард кӕй нӕу, уымӕ гӕсгӕ аннӕтау нӕ раафтид.