ХИПУ журналистикӕйы факультеты фыццаг хатт бакодтой фӕсаууонмӕ ахуыр

"Ӕхсӕнадӕмон журналистикӕ" дӕсниады фӕсаууон хайад бакӕндзӕн йӕ дуӕрттӕ ног ахуырадон аз, ахуыр цӕудзӕн коммерцион бындурыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 июл - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты байгом уыдзӕн "Ӕхсӕнадӕмон журналистикӕ" дӕсниады фӕсаууон хайад, фехъусын кодта Sputnik ХИПУ ӕхсӕнадӕмон журналистикӕйы кафедрӕйы хистӕр, доцент Хъодалаты Хансиат.

Журналистикӕйы факультет бакодтой 1994 азы, ӕмӕ дзы фыццаг фӕсаууон хайад нӕ уыд.

"Рӕстӕг куы рацыд, уӕд нын фадат ис рауӕрӕх кӕнын нӕ архайды арӕнтӕ, ӕмӕ ног ахуырадон аз, университеты Зонадон советы скъуыддзагмӕ гӕсгӕ, мах бакодтам "Ӕхсӕнадӕмон журналистикӕ" дӕсниады фӕсаууон хайад", - радзырдта Хъодалаты Хансиат.

"Стыр ӕнтыстытӕ": ХИПУ ректор пандемийы аххосӕй проблемӕтӕ ӕмӕ азы хатдзӕгты тыххӕй
Уый ма банысан кодта, хуссарирыстойнаг ДИФ-ты кӕй кусынц бирӕ журналисттӕ, кӕцытӕ равзӕрстой ацы професси, фӕлӕ сын нӕй сӕрмагонд ахуырад.

"Фӕсаууон ахуыр, кӕцыйы рӕстӕджы кусгӕ журналисттӕ ахуыр кӕндзысты нӕ факультетыл, - у хорз фадат райсын профессионалон ахуырад. Уыимӕ иумӕ, нӕ дуӕрттӕ гом сты адӕмӕн, кӕцытӕ нӕ кусынц ацы къабазы, фӕлӕ сӕ фӕнды сӕхи бафӕлварын масс-медиайы", - фехъусын кодта кафедрӕйы хистӕр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, абитуриенттӕн фадат ис бацӕуын факультетмӕ куыд фыццаг, афтӕ ӕртыккаг курсмӕ дӕр - уӕлдӕр ахуырады базӕйыл.