Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой политолог Ӕлборты Динайӕн

Политолог ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг йӕ цардӕй ахицӕн 49-аздзыдӕй. Уый йе 'нусон дунемӕ афӕндараст кӕнынымӕ ӕрбацыдысты сӕдӕгай адӕм
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 июл - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны фӕстаг хӕрзбон загътой политолог ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг Ӕлборты Динайӕн. Уый куыста ХИПУ политологи ӕмӕ социологийы кафедрӕйы, бирӕ ӕзты дӕргъы хъахъхъӕдта республикӕйы интерестӕ ӕхсӕнадӕмон фӕзуӕттыл. Ӕппынӕдзух тырныдта дунейон ӕхсӕнадӕн рӕстдзинад фехъусын кӕнынмӕ.

Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой политолог Ӕлборты Динайӕн

Динайы йе 'нусон дунемӕ афӕндараст кӕнынымӕ ӕрбацыдысты сӕдӕгай адӕм - республикӕйы ӕхсӕнад ӕмӕ къухдариуӕгады минӕвӕрттӕ, се 'хсӕн президент Бибылты Анатолий. Уый банысан кодта, Ӕлборты Дина кӕй уыд бӕрзонд моралон ӕмӕ монон принципты адӕймаг.

"Динайӕн уыд стыр ӕмӕ сыгъдӕг зӕрдӕ. Уымӕн кӕддӕриддӕр уыд ӕрмӕстдӕр йӕхи позици, кӕцы кӕйдӕрты зӕрдӕмӕ цыд, кӕйдӕрты зӕрдӕмӕ та нӕ цыд. Фӕлӕ йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр баст уыдысты Ирыстоны хӕрзӕбонимӕ. Мах-иу бирӕ ныхас кодтам, быцӕу дӕр-иу кодтам, ӕмӕ уыл алыхатт дӕр дзырдта рӕстдзинад, дзырдта, цы хъуыды кодта, уый. Ахӕм гоймӕгтӕ та алыхатт дӕр баззайынц адӕмы зӕрдӕты", - банысан кодта бӕстӕйы сӕргълӕууӕг.

Тӕссаг низӕй, адарддӕр кодта Бибылты Анатолий, кӕцы аскъуыдта бирӕ цардбӕллон удтӕ, хи бахъахъхъӕнӕн ис ӕрмӕст вакцинацийы руаджы. Уый ӕрсидт цӕрджытӕм бӕрнондӕрӕй бацӕуын уыцы фарстмӕ.

Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой политолог Ӕлборты Динайӕн

ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим бахахх кодта, Ӕлборты Динайы амӕлӕтӕй республикӕ кӕй фесӕфта иттӕг хорз политолог ӕмӕ диссаджы хӕларзӕрдӕ адӕймаджы.

Цхинвалы бирӕпрофилон колледжы директор, Динайы хӕлар Козаты Лира ӕрымысыд, иумӕ-иу бирӕ ӕхсӕнадӕмон мадзӕлтты кӕй истой хайад ӕмӕ уый ӕппынӕдзух кӕй тох кодта рӕстдзинадыл.

"Дина ахӕм зондджын ӕмӕ хӕларзӕрдӕ уыд, ӕмӕ йын цыт кодтой ӕгӕрыстӕмӕй не 'знӕгтӕ дӕр. Дина уыд Хуссар Ирыстоны информацион блокадӕйы локомотив. Дина йӕ райгуырӕн бӕстӕйӕн уыйбӕрц хорздзинӕдтӕ сарӕзта, ӕмӕ сыл исч куы бакусид, уӕд сӕ рауаид диссаджы цымыдисон истори", - загъта Козаты Лира.

Уый фыдохы митинджы рӕстӕджы бакаст бирӕнымӕц тӕфӕрфӕсы телтӕ, кӕцытӕ фӕстаг бонты ӕрӕрвыстой дунейы алы къуымтӕй.

Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой политолог Ӕлборты Динайӕн

Ӕлборты Дина йӕ цардӕй ахицӕн 49-аздзыдӕй коронавирусы фӕстиуджытӕй. Баззад ын дыууӕ чысыл сабийы ӕмӕ ацӕргӕ ныййарджытӕ.