Цæгат Ирмæ фыццаг хатт æрластой Александр Невскийы стæгдартæ

Сыгъдæг уды стæгдар къуырийы дæргъы бабæрæг кæнæн уыдзæн Дзæуджыхъæуы епархийы аргъуанты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 июл – Sputnik. Зындгонд æфcæддон Александр Невскийы стæгдары хай чырыны фыццаг хатт æрхæццæ Цæгат Ирыстонмæ, хъусын кæны ПТРК "Алания".

"Мадзæлттæ æххæст цæуынц Александр Невскийы 800 азы боны номыл Уæрæсейы æмæ Белоруссийы сахартыл егъау уаз цыды фæлгæтты Мæскуыйаг æмæ æппæт Уæрæсейы патриарх Кириллы арфæйæ. Амынд мадзалы фæлгæтnы Александр Невскийы стæгдары хай чырыны фыццаг хатт æрхæццæ Цæгат Ирыстонмæ", - дзырдæуы хъусинаджы.

Дзæуджыхъæуккаг епархи у 25 мин километры дæргъæн маршруты æппæты хуссардæр бынат.

Александр Невскийы ном фыццаджыдæр баст у полкы разамонæджы æмбисонды сгуыхтытимæ æмæ баст у Чудское цадыл æмæ цæугæдон Невайыл уæлахизтимæ. Александр Невский йæ мæлæты размæ смоладзан ис, 1547 азы та канонизацигонд æрцыд.

Сыгъдæг уды стæгдар къуырийы дæргъы бабæрæг кæнæн уыдзæн Дзæуджыхъæуы епархийы аргъуанты.