Гасситы Мурӕтӕн раивтой йӕ ныхмӕлӕууӕджы: уый тох кӕндзӕн ӕндӕр нӕмыцагимӕ

Эркан Теперы бӕсты, кӕцыйӕн фӕзынд зындзинӕдтӕ ӕрцӕуынимӕ коронавирусон арӕнӕвӕрдты аххосӕй, ирон боксеры ныхмӕлӕууӕг уыдзӕн Германийы ӕндӕр минӕвар – Михаэль Валлиш
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 июл — Sputnik. Фыццаг уӕззау уӕзы раздӕры чемпион WBA ӕмӕ IBF верситӕм гӕсгӕ Гасситы Мурӕтӕн фӕивтой йӕ ныхмӕлӕууӕджы - Эркан Теперы бӕсты уый 22 июлы фембӕлдзӕн Германийы ӕндӕр минӕвар Михаэль Валлишимӕ, хъусын кӕны РИА Новости.

"Пандемийы фӕдыл арӕнӕвӕрдты аххосӕй Теперӕн фӕзынд зындзинӕдтӕ документтӕ саразынимӕ", - загътой тохы организатортӕ.

Гааситы Мурӕт ӕмӕ Михаэль Валлишы тох хъуамӕ ацыдаид 22 июлы мӕскуыйаг аренӕ "Динамо"-йы турниры фӕлгӕтты, кӕцы нывонд у Боксы ӕхсӕнадӕмон бонӕн. Фыццаг уӕззау уӕзы раздӕры чемпион WBA ӕмӕ IBF верситӕм гӕсгӕ Гасситы Мурӕт 27 тохы рамбылдта, иуы та фӕхӕрд. Йӕ фӕстаг тохы 27-аздзыд боксер фыццаг раунды нокауты арвыста албайнаг Нури Сеферийы. Уыцы тохы размӕ Гасситы Мурӕтӕн дыууӕ хатт раивтой йӕ ныхмӕлӕууӕджы.

Михаэль Валлиш 22 тохы рамбылдта ӕмӕ цыппар та фембылд.