Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой 36 ног рынчыны коронавирусӕй иу суткӕмӕ

Пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ республикӕйы коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3650 онг, медикты хъусдарды бын ма сты 231 адӕймаджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 июл - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ коронавирус сбӕрӕг кодтой 36 адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik цыппӕрӕмы республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ республикӕйы коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3650 онг. Уагдоны ПЦР-лабораторийы инфекцион низы фӕзындӕй фӕстӕмӕ сарӕзтой 24 925 тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл.

"Югосетпотребнадзоры лабораторийы ивгъуыд суткӕйы сарӕзтой 205 иртӕсты COVID-19-ы фӕдыл, уыдонӕй 36 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - радзырдта Коцты Марина.

Фӕстаг суткӕйы медицинон хыгъдӕй систой фондз адӕймаджы, ӕдӕппӕт та тӕссаг инфекцийӕ сӕнӕниз сты 3419 адӕймаджы. Ныртӕккӕ медикты хъусдарды бын стационар ӕмӕ амбулаторийы сты 231 пациенты.