Хъодалаты Марияйы сфӕлдыстадон изӕр аргъӕвтой ӕбӕрӕг рӕстӕгмӕ

Мини-концерт, кӕцы хъуамӕ ацыдаид арт-тыгъдад "Портал"-ы майрӕмбоны, аргъӕвтой организатортӕй иуӕн хисӕрмагонд аххосӕгты тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 июл — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хъодалаты Марияйы сфӕлдыстадон изӕр Цхинвалы аргъӕвтой ӕбӕрӕг рӕстӕгмӕ. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта "Хуссар Порталы" организатортӕй сӕ иу Джиоты Къоста.

Мадзал хъуамӕ ацыдаид арт-тыгъдад "Портал"-ы 9 июлы 19.00 сахатыл.

"Концерт аргъӕвтой объективон аххосӕгты тыххӕй. Ног датӕйы фӕдыл развӕлгъау фехъусын кӕндзыстӕм", - загъта Джиоты Къоста.

Арт-тыгъдад "Портал"-ы хъуыды фӕзынд Дзӕуджыхъӕуы активон фӕсивӕды хсӕн. Ахӕм проект Хуссар Ирыстоны сорганизаци кӕныны хъӕппӕрис бахастой хуссарирыстойнаг активисттӕ: Гуыцмӕзты Инна, Джиоты Къоста, Дзигойты Карина ӕмӕ ӕндӕртӕ.