Аст ирон спортсмены хайад райсдзысты Олимпиадӕйы Уӕрӕсейы ӕмбырдгонды сконды

XXXII сӕрдыгон Олимпиаг Хъӕзтытӕ ацӕудзысты 23 июлӕй 8 августы онг Токиойы, хайад сӕ райсдзысты 11000 спортсмены 205 национ олимпиаг комитеттӕй.
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 июл — Sputnik. Ирон спорты аст хъомылгӕнинаджы бацыдысты Уӕрӕсейы ӕмбырдгонды скондмӕ XXXII сӕрдыгон Олимпиаг Хъӕзтыты хайад райсыны тыххӕй, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорт ӕмӕ физикон культурӕйы министрады пресс-службӕ.

"Олимпиадӕйы архайдзысты богалтӕ Сидахъты Зауырбег, Найфонты Артур ӕмӕ Козырты Сергей, дзюдоисттӕ Таймӕзты Мӕдинӕ ӕмӕ Хуыбецты Алан, уӕззауатлет Наниты Тимур, барӕг Андрей Митин ӕмӕ теннисист Хъӕрӕцаты Аслан", - ранымадтой министрады пресс-службӕйы.

XXXII сӕрдыгон Олимпиаг Хъӕзтытӕ ацӕудзысты 23 июлӕй 8 августы онг Токиойы, хайад сӕ райсдзысты 11000 спортсмены 205 национ олимпиаг комитеттӕй. Уыдон сӕ тыхтӕ фӕлвардзысты спорты 33 хуызы.