Хуссар Иры МХМ сарӕзтой оперативон штаб коронавирусы ныхмӕ тохӕн

МХМ кусджытӕн ауадздзысты инструктажтӕ бӕстыхӕйтты дезинфекцийы фӕдыл, афтӕ ма коронавирусы профилактикӕйы фӕдыл дӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) уагдоны сӕргълӕууӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ сарӕзтой оперативон штаб коронавирусы рагфӕдзӕхсты фӕдыл. Уый тыххӕй хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Хуссар Иры рабӕрӕг кодтой 39 ног рынчыны коронавирусӕй

Эпидемиологон уавӕр кӕй февзӕрдӕр барадхъахъхъӕнӕг органы, уый фӕдыл дистанцион режиммӕ ракӕндзысты кусджыты, кӕцытӕ хауынц рискы къордмӕ. Афтӕ ма МХМ дӕлхайӕдты фӕкъаддӕр кӕндзысты кусӕгон, спортивон, культурон ӕмӕ хиирхӕфсӕн мадзӕлтты нымӕц.

Июны ӕмбисӕй республикӕйы фылдӕр кӕны коронавирусӕй рынчынты нымӕц. Ивгъуыд майрӕмбоны республикӕйы сарӕзтой 183 тесты, уыдонӕй 39 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Цӕстдардон уагдоны ПРЦ-лабораторийы инфекцион низы фӕзындӕй фӕстӕмӕ сарӕзтой 25 264 тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй низы уӕвынад равдыстой 3712.