ЦХИНВАЛ, 12 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны территорийыл ивгъуыд къуыри ӕрцыд цыппар фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ), кӕцыты фӕстиуӕгӕн ничи бахъыгдард, фехъусын кодтой Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы.
Афтӕ ма рейдон мадзӕлтты рӕстӕджы Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 212 фӕткхалды. Фараст шофыры фӕдыл сарӕзтой административон протоколтӕ хӕдтулгӕ нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.
Уагдоны ма фехъусын кодтой, ивгъуыд къуыри республикӕйы регистрацигонд кӕй ӕрцыд дыууӕ фыдракӕнды, кӕцытӕ раргом кодтой мидхъуыддӕгты органтӕ.
"Дыууӕ фыдракӕнд дӕр баст уыдысты ӕнӕзаконӕй наркотикон буарадимӕ зайӕгойтӕ зайын кӕнынимӕ", - банысан кодтой пресс-службӕйы.
Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ алыгъуызон фӕткхӕлдты тыххӕй ӕрурӕдтой республикӕйы дыууӕ ӕмбӕстаджы – иуӕн дзы тӕрхондон рахаста административон ӕфхӕрд, бафтыдтой МХМ.