"Фӕстауӕрцы ис ӕнӕхъӕн уӕладзыг": Джиоты Элеонора рынчындоны антиковидон потенциалы тыххӕй

Рынчындоны администраци нывӕнды бакӕнын "сырх зонӕйы" фылдӕр бынӕттӕ, уымӕн ӕмӕ рынчынты нымӕц фылдӕр кӕны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 июл – Sputnik, Козаты Диана. Республикон бирӕпрофилон медицинон центры (РБМЦ) инфекцион хайады "сырх зонӕйы", цы ран хоскӕнынад цӕуынц коронавирусӕй рынчынтӕ, байдзаг сты ӕртӕ уӕладзыг цыппарӕй, фехъусын кодта Sputnik пресс-конференцийыл Хуссар Ирыстоны сӕйраг инфекционист Джиоты Элеонора.

"Ссардзыстӕм уӕлӕмхасӕн фӕзуӕттӕ дӕр, цӕмӕй бакӕнӕм фылдӕр бынӕттӕ "сырх зонӕйӕн". Ныртӕккӕ махмӕ кусы ӕртӕ уӕладзыджы, фӕстауӕрцы ис цыппӕрӕм уӕладзыг", - загъта Джиоты Элеонора.

Сӕйраг инфекционист банысан кодта, рынчындоны медперсонал кӕй бафӕллад.

"Фӕстауӕрцы ис ӕнӕхъӕн уӕладзыг": Джиоты Элеонора рынчындоны антиковидон потенциалы тыххӕй

"Мах бакуыстам фарстыл, цӕмӕй нӕм ма уа "иухаттон" дохтыртӕ. Махмӕ ис боны дохтырты къорд, кӕцытӕ вӕййынц пациенттимӕ ӕртӕ-цыппар къуырийы дӕргъы. Ис ма нӕм радгӕсон дохтырты командӕ, кӕцытӕ сӕ хъус дарынц дохтырты рекомендацитӕ ӕххӕст кӕнынмӕ", - банысан кодта Джиоты Элеонора.

Афтӕ ма уый банысан кодта, кӕй хъӕуы фӕтыхджындӕр кӕнын медицинон бригадӕтӕ, уымӕн ӕмӕ пациентты нымӕц фылдӕр кӕны.

Джиоты Элеонора ма радзырдта, цы режимы кусы РБМЦ исӕн хайад, цы ранмӕ бацӕуынц коронавирусӕй рынчынтӕ.

"Хайад кусы къуыри ӕхсӕз боны, хуыцаубонӕй дарддӕр. Медикты бригадӕ исы пациентты 9.00 сахатӕй 17.00 сахатмӕ. Пациенттӕн, кӕцытӕ сӕ бон у амбулаторон хоскӕнынад рацӕуын, снысан кӕнынц рекомендацитӕ ӕмӕ сӕм сӕ хъус дарынц. Куы бахъӕуы, уӕд та рынчынты арвитынц госпитализацимӕ", - банысан кодта Джиоты Элеонора.

Июны ӕмбисӕй республикӕйы фылдӕр кӕны коронавирусӕй рынчынты нымӕц. Ивгъуыд суткӕйы республикӕйы сарӕзтой 130 тесты, уыдонӕй 15 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Цӕстдардон уагдоны ПРЦ-лабораторийы инфекцион низы фӕзындӕй фӕстӕмӕ сарӕзтой 25 494 тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй низы уӕвынад равдыстой 3727.