ЦХИНВАЛ, 13 июл — Sputnik. Дзауы районы милицийы кусджытæ ссардтой хъæддаг гæны 226 къутæры, хъусын кæны дыццæджы республикæйы МХМ пресс-службæ.
Наркотоикон буарадимæ зайæгойтæ ссардæуыд оперативон мадзæлтты рæстæджы Чеселты хъæумæ хæстæг.
"Зайæгойты скъахтой æмæ сæ æрбахастой экспертизæмæ. Эксперты хатдзæгмæ гæсгм, зайæгойты сконды ис тетрагидроканнабинол", - дзырдæуы хъусинаджы.
Районы хъæууон хъæдзарады управленийы специалисттæ куыд банысан кодтой, афтæмæй ссаргæ къутæртæ уыдысты хъæддаг гæн, культивацийы фæд дзы нæ рабæрæг.
Цауы фæдыл басгæрст уадзы Дзауы районы мидхъуыддæгты управлени.