ЦХИНВАЛ, 13 июл — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны территорийыл ӕввахс ӕртӕ суткӕйы уыдзӕн хъӕдты зынгсирвӕзтты тӕссагдзинад. Экстренон фӕдзӕхст ныммыхуыр кодта Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
Синоптиктӕ зӕрдыл ӕрбалӕууын кодтой, тӕвд боныгъӕды аххосӕй республикӕйы территорийыл кӕй ис зынгсирвӕзтты тӕссагдзинад.
"Цӕгат Ирыстоны гидрометеорологи ӕмӕ мониторингы фӕдыл центры информацимӕ гӕсгӕ 13 июлӕй республикӕйы быдырон районты уыдзӕн зынгсирвӕзтты егъау тӕссагдзинад (4 класс)", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Нысангонд ӕрцыд, ахӕм боныгъӕд уыдзӕн 15 июлы онг.