Амнисти нӕ уыдзӕн: Хуссар Иры парламент аиуварс кодта ацы фарст

Закондӕттӕг органы рабадтыл амнистийы фӕдыл уынаффӕйы дыууӕ вариант дӕр нӕ райстой депутатты хъӕлӕсты фылдӕр хай
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 июл – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент ӕртыццӕджы рабадтыл аиуварс кодта амнистийы фӕдыл уынаффӕ, кӕцы фӕнд кодтой снывонд кӕнын Хӕдбардзинад расидыны Акт райсыны 29-ӕм афӕдзы бонӕн.

Хуссар Иры парламент æркæсдзæн ЦӔК ног сæргълæууæджы кандидатурæмæ

"Ацы фарст цалдӕр хатт аргъӕвтой. Тынг мӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ абон сӕхгӕдтаиккам", - загъта законад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады фӕдыл парламентон комитеты сӕргълӕууӕг Габатты Алан.

Баныхасы размӕ депутат Мулдарты Гарри банысан кодта, аминистийы фӕдыл уынаффӕйы фыццаг вариант дыккагӕй хицӕн кӕны уымӕй, ӕмӕ фӕстаг варианты ис пункт, кӕцымӕ гӕсгӕ ахӕстонӕй рахизыны бар ис бастдзинад фӕдыл раздӕры министр Къӕбысты Георгийӕн.

Афтӕмӕй кӕцыдӕр депутаттӕ фехъусын кодтой, кӕй нӕ уыдысты зонгӕ фарсты ахӕм ӕвӕрдимӕ.

Хъӕлӕсдӕттыны фӕстиуӕгӕн уынаффӕты дыууӕ вариант дӕр нӕ райстой.